НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Лӕг ӕмӕ ус – цӕрӕнбонтӕм иумӕ
Чырыстон бинонтӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд куы вӕййынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд Йегъовӕйӕн кад фӕхӕссынц ӕмӕ вӕййынц амондджын (Мч 10:9). Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ чырыстон хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтыл хъуыды кӕна. Уыдон ын баххуыс кӕндзысты, цӕрӕнбонты амондджынӕй кӕимӕ цӕрдзӕн, ахӕм цардӕмбал равзарынӕн.
Хуыздӕр у, цӕмӕй искӕимӕ ӕмбӕлын ӕгӕр ӕрыгонӕй ма райдайай. Ӕрыгӕттӕн сӕ «буары монцтӕ» тыхджын вӕййынц, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ зондджын уынаффӕ рахӕссын зын вӕййы (1Кр 7:36). Цалынмӕ дын цардӕмбал нӕй, уӕдмӕ уал архай, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнай ӕмӕ дӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕнай. Ӕмӕ фидӕны дӕ цард искӕимӕ куы баиу кӕнай, уӕд уыдзынӕ хорз цардӕмбал.
Адӕймагимӕ дӕ цард баиу кӕныны размӕ базон, йӕ «зӕрдӕйы цы ис, уый», ома ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг у, уый (1Пт 3:4). Исты дызӕрдыг хъуыдытӕ дӕм куы фӕзына, уӕд йемӕ уый тыххӕй аныхас кӕн. Бинонтӕ дын куы уа, уӕд фыццаджыдӕр хъуамӕ хъуыды кӕнай, дӕ цардӕмбалӕн дӕ бон «раттын» цы у, ууыл, дӕ бон дзы «райсын» цы у, ӕрмӕст ууыл нӕ, фӕлӕ (Фп 2:3, 4). Цалынмӕ дын бинонтӕ нӕма ис, уӕдмӕ куы архайай Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ, уӕд дын уый фӕстӕдӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ цардӕмбалимӕ амондджынӕй цӕрай.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИНОНТЫ ЦАРДМӔ ЦӔТТӔ КӔНЫН (3-АГ ХАЙ). „ЙӔ САРАЗЫНӔН ЦАС БАХЪӔУДЗӔН, УЫЙ НӔ БАНЫМАЙДЗӔН?“» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Хо Шонимӕ ӕмбӕлын куы райдыдта, уӕд фыццаг сӕ хабар куыд уыд?
-
Хо Шоны хуыздӕр куы базыдта, уӕд цы бафиппайдта?
-
Хойӕн йӕ ныййарджытӕ куыд баххуыс кодтой ӕмӕ цавӕр уынаффӕ рахаста?