Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ зондӕй архай

Цардӕмбал ӕвзаргӕйӕ зондӕй архай

Соломон зондӕй нӕ архайдта – ракуырдта, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕм сылгоймӕгты (1Пд 11:1, 2; w18.07 18 ф., 7 абз.).

Соломонӕн йӕ устытӕ сабыргай йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйӕ аздӕхтой (1Пд 11:3–6; w19.01 15 ф., 6 абз.).

Соломонмӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд (1Пд 11:9, 10; w18.07 19 ф., 9 абз.).

Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы чырыстӕттӕн Хуыцауы Ныхас фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ цард баиу кӕной, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ (1Кр 7:39). Фӕлӕ адӕймаг донаргъуыд кӕй у, ӕрмӕст уымӕ нӕ хъӕуы кӕсын. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы адӕймаг мын ӕххуыс кӕндзӕн Хуыцауӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнынӕн? Донаргъуыд куы райста, уымӕй фаг рӕстӕг рацыд, цӕмӕй йӕ бон уыдаид равдисын, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр тынг кӕй уарзы? Цалынмӕ адӕймагимӕ дӕ цард баиу кӕнай, уӕдмӕ уал ӕй хорз базон. Ӕмӕ уымӕн та хъӕуы рӕстӕг.