ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Бонзонгӕ у ӕмӕ дын цы ис, уый фагыл нымай
Хуыцауы пехуымпар не сразы Йеровоамӕй лӕвӕрттӕ райсыныл (1Пд 13:7–10; w08 15/8 8 ф., 4 абз.).
Фӕстӕдӕр пехуымпар Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызт (1Пд 13:14–19; w08 15/8 11 ф., 15 абз.).
Пехуымпар Йегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый йӕ бӕллӕхмӕ ӕркодта (1Пд 13:20–22; w08 15/8 9 ф., 10 абз.).
Цы нын ис, уый фагыл куы нымайӕм ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ Йегъовӕйы разамынд куы агурӕм, уӕд нӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзыстӕм (1Тм 6:8–10).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, цы мын ис, уый фагыл кӕй нымайын? Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ мӕ бон куыд у бонзонгӕдзинад равдисын?» (Ӕм 3:5; 11:2).