НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Райгасдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм
Зынаргъ нын чи у, уыцы адӕмӕй исчи куы амӕлы, уӕд нын райгасдзинады ныфс вӕййы удӕнцойы хос. Фӕлӕ уӕддӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт сты, ӕппӕт адӕмы дӕр чи ӕрбатыхта, ахӕм ӕмбӕрзӕны хуызӕн, ӕмӕ нӕ сӕрибарӕй улӕфын нӕ уадзы (Ис 25:7, 8). Уымӕ гӕсгӕ, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ӕмхуызонӕй... дзыназынц ӕмӕ... удхар кӕнынц» (Ро 8:22). Цалынмӕ мӕрдтӕ ӕгас кӕнын нӕ райдайой, уӕдмӕ нын нӕ рыст сфӕразынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Хуыцауы Ныхасы цы ныфсфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ис, уыдон.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АДӔЙМАГӔН ИСЧИ КУЫ АМӔЛЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Даниэллӕ, Масахиро ӕмӕ Йошими цавӕр рыст бавзӕрстой?
-
Видеороликы цы фондз уынаффӕйы кой уыд, уыдон сын куыд баххуыс кодтой?
-
Ӕцӕг удӕнцой нын кӕй бон у раттын? (2Кр 1:3, 4)