ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йегъовӕйы кадджын кӕн йӕ зонды тыххӕй
Йегъовӕ Соломоны стыр зондӕй схайджын кодта (1Пд 10:1–3; w99-U 1/7 30 ф., 6 абз.).
Савӕйы ус-паддзах куы федта, Йегъовӕ Соломоны цы зондӕй схайджын кодта, уӕд йӕ дисӕн кӕрон нал уыд (1Пд 10:4, 5; w99-U 1/11 20 ф., 6 абз.).
Савӕйы ус-паддзах Йегъовӕйы скадджын кодта, Соломоны паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый тыххӕй (1Пд 10:6–9; w99-U 1/7 30 ф., 7 абз.).
Савӕйы ус-паддзахау нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцау цы зонд дӕтты, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм? Зӕгъӕм, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм (Мф 12:42; 1Пт 2:21). Стӕй ма нӕ бон у, Хуыцау цы зонд дӕтты, уый тыххӕй уацамынды иннӕтӕн дӕр дзурын.