АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД
Библи кӕимӕ ахуыр кӕнут, уыдонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй сӕхи хизой
Библи чи ахуыр кӕны, уый цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар суа, уый тыххӕй хъуамӕ хорз ӕмбӕлттӕ ’взара (Пс 15:1, 4). Хорз ӕмбӕлттӕ йын, раст цы у, уый аразынӕн ӕххуыс кӕндзысты (Ӕм 13:20; lff 48 урок).
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн йе ’взӕр ӕмбӕлттӕ ныууадзынӕн куы ’ххуыс кӕнай, уӕд-иу ын йе ’нкъарӕнтыл хъуыды кӕн. Ацы дунейы йын цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдоны ныууадзын ын, чи зоны, зын уа. Уымӕ гӕсгӕ бӕрӕг уӕд, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсыс. Зӕгъӕм, дӕ бон ӕм у телефонӕй истытӕ афыссын кӕнӕ йӕм бадзурын, йе та йӕ абӕрӕг кӕнын. Йӕ уырнындзинад фидар кӕнын куы райдайа, уӕд-иу ӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ искуыдӕм фӕхонут. Уый фӕрцы бамбардзӕн, цы ссардта, уый, цы ныууагъта, уымӕй бирӕ фылдӕр кӕй у (Мч 10:29, 30). Йегъовӕйы бинонтыл кӕй ӕфты, уый дӕуӕн дӕр циндзинад хӕсдзӕн.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИ КӔИМӔ АХУЫР КӔНУТ, УЫДОНӔН ӔХХУЫС КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ӔВЗӔР ӔМБӔЛТТӔЙ СӔХИ ХИЗОЙ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ кӕй ис схонӕн? (1Кр 15:33).
-
Чырыстӕттӕ иумӕ сӕ рӕстӕг куыд фервитынц, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ Джейд йӕ цӕстытыл цы ауайын кодта?
-
Нитӕ Джейдӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ ныууагътаид ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ ссардтаид?