АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН | ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ УЫН ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССӔД
Библи кӕимӕ ахуыр кӕнут, уыдонӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуын райдайой
Цӕмӕй Хуыцауӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй ӕмбырдтӕм цӕуын тынг ахсджиаг у (Пс 22:22). Йегъовӕйӕн балӕггад кӕнынмӕ чи ӕрӕмбырд вӕййы, уыдон цинӕй ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын вӕййынц (Пс 65:4). Библи чи ахуыр кӕны, уый ӕмбырдтӕм ӕдзух куы фӕцӕуы, уӕд йӕ уырнындзинад тагъддӕр фӕрӕзы.
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн дӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуын райдайа? Ӕмбырдтӕм ӕй хон. Равдис ын видеоролик «Паддзахады залы цы вӕййы?». Бамбарын ын кӕн, ӕмбырдтӕм куы цӕуа, уӕд ын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн (lff 10 урок). Дӕ бон ын у радзурын, ӕмбырды дӕ зӕрдӕмӕ цы хъуыды фӕцыд, уый. Йе та йын радзур, иннӕ ӕмбырды цы уыдзӕн, уый. Ӕмбырды цы публикацитӕ цӕудзыстут, уыдон-иу ын ратт. Стӕй ма йын дӕ бон у зӕгъын, ӕмбырдмӕ йӕ кӕй баласдзынӕ кӕнӕ йемӕ кӕй ацӕудзынӕ (1Кр 14:24, 25).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИ КӔИМӔ АХУЫР КӔНУТ, УЫДОНӔН ӔХХУЫС КӔНУТ, ЦӔМӔЙ ӔМБЫРДТӔМ ЦӔУОЙ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Нитӕ цавӕр фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй Джейды ӕмбырдмӕ фӕхуыдтаид?
-
Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый фыццаг хатт ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуы, уӕд нын уый цины хос цӕмӕн вӕййы?
-
Джейд ӕмбырдмӕ фыццаг хатт куы ’рбацыд, уӕд дзы йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд?