НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ бинонтӕ амондджын уой
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй бинонтӕ уой амондджын (Пс 127:3–5; Ек 9:9; 11:9). Фӕлӕ ацы дунейы кӕй цӕрӕм ӕмӕ нӕ бинонтӕй алчидӕр кӕй фӕрӕдийы, уый тыххӕй хатт нӕ циндзинад ӕрмынӕг вӕййы. Бинонтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы вӕййы аразын, цӕмӕй амондджын уой?
Лӕг йӕ бинойнагӕн фӕкад кӕны (1Пт 3:7). Йемӕ рӕстӕг фервиты. Ӕгӕр бирӕ дзы нӕ фӕдомы ӕмӕ дзы бузныг вӕййы, уымӕн дӕр ӕмӕ сӕ бинонтӕн дӕр цы фӕаразы, уый тыххӕй (Кл 3:15). Фӕзӕгъы йын, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы раппӕлы (Ӕм 31:28, 31).
Ус фӕархайы, цӕмӕй йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕна (Ӕм 31:12). Йӕ коммӕ фӕкӕсы ӕмӕ йемӕ фемгуыст кӕны (Кл 3:18). Йемӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕны, стӕй иннӕты раз йӕ хорзы кой фӕкӕны (Ӕм 31:26).
Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ рӕстӕг фервитынц (Д.з 6:6, 7). Фӕдзурынц сын, кӕй сӕ уарзынц (Мф 3:17). Ӕмӕ сын зонд куы фӕамонынц, уӕд уый фӕаразынц уарзгӕйӕ ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ (Еф 6:4).
Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕн фӕкад кӕнынц ӕмӕ сӕ коммӕ фӕкӕсынц (Ӕм 23:22). Цы сӕ тыхсын кӕны ӕмӕ цӕуыл хъуыды кӕнынц, уыдӕттӕ сын радзурынц. Сӕ ныййарджыты фӕнымайынц ӕмӕ сын зонд куы фӕамонынц, уӕд сӕм байхъусынц (Ӕм 19:20).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ БИНОНТЫ ЦАРД АМОНДДЖЫН УӔД» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН:
• Бинонтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй амондджын уой?