НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Зиу сентябры – хъусын кӕндзыстӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
Сентябры уыдзӕн зиу – ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕндзыстӕм, адӕмы зындзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон (Мф 24:14). Дӕ бон куыд у уыцы зиуы архайын? Зӕгъӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй иу стих равзар ӕмӕ йӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн равдис. Адӕймаджы фылдӕр базонын куы бафӕнда, уӕд ын ратт 2020 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 2-аг номыр. Иннӕ хатт-иу ӕм, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тагъддӕр ӕрбацу ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдай, «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» чи хуыйны, уыцы брошюрӕйы фӕрцы. Уыцы мӕй ӕххуысгӕнӕг пионертӕй чи лӕггад кӕндзӕн, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн 15 кӕнӕ 30 сахаты балӕггад кӕнын.
Тагъд Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн (Дан 2:44; 1Кр 15:24, 25). Уӕдӕ-иу уыцы зиуы нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдион кӕй стӕм!