НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт фӕзм
Ӕнувыд уарзт Йегъовӕ куыд ӕвдисы, афтӕ ничи (Пс 103:11). Искӕй ӕнувыд уарзтӕй чи фӕуарзы, уый фӕуарзы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, стӕй фӕуарзы алкӕддӕр, цасдӕр рӕстӕг нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕ израилӕгты ахӕм уарзтӕй кӕй уарзта, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты уыд бӕрӕг. Египеты уацарӕй сӕ ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ ӕрбакодта (Пс 105:42–44). Йӕ адӕмы сӕрыл тох кодта ӕмӕ-иу сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта (Пс 107:19, 20). «Йегъовӕ йе ’нувыд уарзтӕй цы хъуыддӕгтӕ аразы», уыдонмӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм (Пс 107:43).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔНУВЫД УАРЗТЫЛ ХЪУЫДЫ КӔНУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Нӕ бон куыд у ӕнувыд уарзт ӕвдисын?
-
Цӕмӕй ӕнувыд уарзт ӕвдисӕм, уый тыххӕй нӕ цӕмӕн фӕхъӕуы нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын?