Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Kokkinakis v. Greece: Droit réservé

Галиуырдыгӕй рахизырдӕм, уӕлейӕ: «Штат Цӕгат Вирджинийы ахуырады департамент Барнетты ныхмӕ»; «Коккинакис Грецийы ныхмӕ»; бынӕй: «Ча ӕмӕ иннӕтӕ Хуссар Корейы ныхмӕ»; «МРО „Таганрог“ ӕмӕ иннӕтӕ Уӕрӕсейы ныхмӕ»

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хорз хабары сӕрыл закъонмӕ гӕсгӕ тох кӕнӕм

Хорз хабары сӕрыл закъонмӕ гӕсгӕ тох кӕнӕм

Израилӕгтӕ кувӕндон куы арӕзтой, уӕд знӕгтӕ хъавыдысты арӕзтад бауромынмӕ. Фӕлӕ аразджытӕ бацархайдтой, цӕмӕй сын закъонмӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр аразыны бар уыдаид (Езд 5:11–16). Абон дӕр чырыстӕттӕ хорз хабары сӕрыл ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕныныл фӕтох кӕнынц (Фп 1:7). Цӕмӕй уый нӕ бон уа аразын, уый тыххӕй 1936 азы сӕйраг хайады арӕзт ӕрцыд юридикон хайад. Абон уыцы хайад архайы, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр Паддзахады хъуыддаг ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ цӕуа. Цымӕ йын уыцы хъуыддаджы цы бантыст ӕмӕ уый Хуыцауы адӕмӕн куыд фӕахъаз?

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЮРИДИКОН ХАЙАД ЦАВӔР КУЫСТ КӔНЫ», ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты?

  • Тӕрхондӕтты-иу цавӕр хъуыддӕгтӕ рамбылдтам? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

  • Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр ахъаз кӕнӕм «хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕнынӕн»?

  • Нӕ сайты кӕм ис ссарӕн, юридикон хабӕртты тыххӕй ногӕй цы ис, уый ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй йӕ дины тыххӕй ахӕстоны чи бады, уыдоны номхыгъд?