Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Цыфӕнды куыст дӕр дӕ сӕрмӕ хӕссыс?

Цыфӕнды куыст дӕр дӕ сӕрмӕ хӕссыс?

Хистӕр сауджын ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ ӕгӕр кадджын бынӕттӕ ахсынц, цӕмӕй Иерусалимы къултӕ аразынӕн ӕххуыс кодтаиккой (Не 3:1).

Кадджын адӕмӕй чидӕртӕ уыцы куыст сӕ сӕрмӕ не ’рхастой (Не 3:5; w06-U 1/2 10 ф., 1 абз.).

Хуыцауыл ӕнувыд чи уыд, уыцы сылгоймӕгтӕй дӕр чидӕртӕ уыцы куыст кодтой, кӕд зын уыди, уӕддӕр (Не 3:12; w19.10 23 ф., 11 абз.).

Ӕмбырды бирӕ хъуыддӕгтӕ фӕхъӕуы аразын, ӕмӕ дзы кӕцыдӕртӕ уӕззау куыстытӕ вӕййынц, кӕцыдӕртӕ та, адӕм кадджыныл кӕй нӕ нымайынц ӕмӕ иннӕтӕ кӕй нӕ фенынц, ахӕмтӕ (w04-U 1/8 18 ф., 16 абз.).

АХЪУЫДЫ КӔН: «„Хорз хабары тыххӕй“ цыфӕнды куыст аразынмӕ дӕр цӕттӕ дӕн?» (1Кр 9:23).