НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Уыдон фыдӕбон кӕнынц мах тыххӕй
Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕ ӕмбырдтӕ куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд равдисынц, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзынц. Уыдоны дӕр махау цыдӕртӕ фӕхъӕуы, фӕллайгӕ дӕр бакӕнынц, хатт сӕ ныфс асӕтты ӕмӕ цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕнынц (Иак 5:17). Фӕлӕ уӕддӕр алы къуыри дӕр фӕархайынц, цӕмӕй, кӕй фӕбӕрӕг кӕнынц, уыцы ӕмбырдты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бафидар кӕной. Ӕцӕгдӕр, районон цӕстдарджытӕ сты «уӕлдай кады аккаг» (1Тм 5:17).
Апостол Павел Роммӕ цӕуинаг куы уыд, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, «Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй» бахай кодтаид, уӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уыдаиккой (Ро 1:11, 12). Искуы хъуыды кодтай, районон цӕстдарӕджы ӕмӕ йӕ бинойнаджы дӕ бон куыд у бафидар кӕнын, ууыл?
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «РАЙОНОН ЦӔСТДАРӔДЖЫ ЛӔГГАД» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕ ӕмбырдтыл удуӕлдайӕ кӕй тыхсынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?
-
Сӕ фыдӕбон дӕуӕн куыд фӕпайда?
-
Нӕ бон сын куыд у сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын?