Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстӕй дӕхи хъахъхъӕн

Раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстӕй дӕхи хъахъхъӕн

Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон арӕх рӕстдзинад мӕнгдзинадимӕ схӕццӕ кӕнынц, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа (2Кр 11:3). Зӕгъӕм, ассириӕгтӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ сзыгъуыммӕ кодтой, стӕй мӕнг ныхӕстӕ кодтой, цӕмӕй израилӕгтӕн сӕ ныфс асастаид (2Аз 32:10–15). Раст дин чи ныууагъта, уыдон дӕр афтӕ фӕархайынц. Хъуамӕ уӕм къӕрцхъус, уымӕн ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ маргӕй уӕлдай не сты. Цытӕ ныффыссынц, уыдӕттӕ-иу ма кӕс, дӕхӕдӕг дӕр-иу сӕм мацы фысс ӕмӕ-иу сын сӕ ныхӕстӕ иннӕтӕн ма дзур. Уыдон архайынц, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл мауал ӕууӕндӕм. Уӕдӕ-иу исты кӕсгӕйӕ уайтагъд сбӕрӕг кӕн, уыцы ныхӕстӕ кӕмӕй цӕуынц (Иуд 3, 4).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «УЫРНЫНДЗИНАДЫ... СӔРВӔЛТАУ ӔППӔТ ХЪАРУТӔЙ ТОХ КӔНУТ!» (СКЪУЫДДЗАГ) ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Цавӕрдӕр фарстаты фӕдыл адӕм сӕ хъуыдытӕ кӕм фӕфыссынц, ахӕм сайтмӕ куы бахизӕм, уӕд къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

  • Ромӕгтӕм 16:17 стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон куыд у архайын?