Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Библийы аудиозаписьтӕм фӕхъусыс?

Библийы аудиозаписьтӕм фӕхъусыс?

Ногӕй кӕуыл бакуыстой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы аудиозаписьтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр ӕвзӕгтыл уагъд цӕуынц. Библийы архайджыты ныхӕстӕ дзы фыст сты алыхуызон хъӕлӕстӕй. Текст чи кӕсы, уыдон хъуыдыйӕдты цавд хъӕугӕ дзырдтыл февӕрынц ӕмӕ архайджыты ӕнкъарӕнтӕ раст радӕттынц. Уый фӕрцы Библийы фыст хабӕрттӕ, куыд хъӕуы, афтӕ бамбарӕм.

Библийы аудиозаписьтӕ цы пайда сты? Библийы аудиозаписьтӕм ӕдзух чи фӕхъусы, уыдонӕн Библийы фыст хабӕрттӕ сӕ цӕстыты раз сыстынц. Архайджытӕй алкӕмӕн дӕр хицӕн хъӕлӕс кӕй ис, уый фӕрцы, Библийы цы фыст ис, уый адӕймагӕн йӕ цӕстытыл ирдӕй ауайы ӕмӕ йӕ хуыздӕр бамбары (Ӕм 4:5). Кӕмӕндӕрты та аудиозаписьтӕ баххуыс кӕнынц, истӕуыл куы фӕмӕт кӕнынц, уӕд. Куы сӕм фӕхъусынц, уӕд сӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр вӕййынц (Пс 94:19).

Библийы аудиозаписьтӕм куы хъусӕм, уӕд уый нӕ цардыл ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕуыдзӕн (2Аз 34:19–21). Кӕд уыцы аудиозаписьтӕ дӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕнӕ, цы ӕвзаг ӕмбарыс, ууыл сты, уӕд сӕм дӕ бон нӕ уаид арӕхдӕр хъусын?

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИЙЫ АУДИОЗАПИСЬ» (СКЪУЫДДЗАГ) ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН:

Библийы аудиозаписьтӕ куыд бацӕттӕ кӕнынц, уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй фӕцыд?