Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Адӕймагимӕ-иу ныхас уӕндонӕй райдай

Адӕймагимӕ-иу ныхас уӕндонӕй райдай

Бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, фадат сын куы фӕвӕййы, уӕд хъусын кӕнын. Афтӕмӕй сын бирӕ бантысы. Адӕймаджы ’ргом Библимӕ куыд раздахӕм, ууыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, йемӕ сныхас кӕнын уӕндгӕ дӕр ма бакӕнӕм. Цы зӕгъдзынӕ, ууыл-иу ӕгӕр ма мӕт кӕн, фӕлӕ-иу равдис, адӕймагыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсыс (Мф 22:39; Фп 2:4). Ныхас кӕнгӕйӕ дын фадат куы фӕзына рӕстдзинады тыххӕй радзурын, уӕд дӕ бон уыдзӕн нӕ кусӕнгӕрзтӕй искӕцыйӕ спайда кӕнын.

Ацы кусӕнгӕрзтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй адӕймагимӕ ныхас адарддӕр кӕнай ӕмӕ йын хорз хабар радзурай?

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «„ӔФСӔЙНАГ ӔФСӔЙНАДЖЫ ЦЫРГЪ КӔНЫ“. КУЫД ИС НЫХАС РАЙДАЙӔН» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН:

Цавӕр ӕртӕ уынаффӕйы нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм?