Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕ у «сидзӕрты фыд»

Йегъовӕ у «сидзӕрты фыд»

Алы аз дӕр ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайынц (Пс 110:3). Йегъовӕ уӕ алкӕй дӕр бирӕ уарзы. Уый зоны, цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлут, уый. Ӕмӕ уын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй уын ӕххуыс кӕндзӕн. Кӕд ӕнӕ фыдӕй кӕнӕ ӕнӕ мадӕй хъомыл кӕныс, уӕд дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ «сидзӕрты фыд» кӕй у (Пс 68:5). Йегъовӕ дӕ кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы дӕ бон у, ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнай, цыфӕнды бинонты ’хсӕн ма хъомыл кӕнай ӕмӕ дын цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма уа, уӕддӕр (1Пт 5:10).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «СӔ УЫРНЫНДЗИНАДЫ СӔРЫЛ ӔНТЫСТДЖЫНӔЙ ТОХ КӔНЫНЦ. ЙӔ НЫЙЙАРӔГ ИУНӔГӔЙ КӔЙ ХЪОМЫЛ КӔНЫ, УЫДОН» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Тамми, Чарлз ӕмӕ Джиммийы цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?

  • Йӕ ныййарӕг иунӕгӕй кӕй хъомыл кӕны, уыдонӕн Псалом 27:10 стих ныфсы хос куыд у?