Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Уӕ Хуыцау Йегъовӕйыл ӕууӕндут»

«Уӕ Хуыцау Йегъовӕйыл ӕууӕндут»

Иосафат ӕмӕ Иудӕйы адӕм Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдтой, сӕ ныхмӕ стыр ӕфсад куы рацыд, уӕд (2Аз 20:12, 13; w14 15/12 23 ф., 8 абз.).

Йегъовӕ йӕ адӕмы ныфс бауагъта ӕмӕ сын разамынд радта (2Аз 20:17).

Йегъовӕ йӕ адӕмы фервӕзын кодта, уымӕн ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ дардтой (2Аз 20:21, 22, 27; w21.11 16 ф., 7 абз.).

Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары ӕмӕ бӕрнон ӕфсымӕртыл чи ӕууӕнды, уыдон ницӕмӕй тӕрсдзысты, стыр бӕллӕхы рӕстӕг Гог Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд (2Аз 20:20).