Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Экономикӕйы кризисмӕ цӕттӕ дӕ?

Экономикӕйы кризисмӕ цӕттӕ дӕ?

Ӕгас дунейы дӕр экономикӕ тынг ӕвзӕр уавӕры ис. Ӕмӕ нӕ уый дисы не ’фтауы, уымӕн ӕмӕ цӕрӕм фӕстаг бонты. Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ, «ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл» ма дарӕм (1Тм 6:17; 2Тм 3:1). Паддзах Иосафаты цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, экономикӕйы уавӕр куы фӕфыддӕр уа, уӕд уымӕ цӕттӕ разынӕм?

Иосафаты ныхмӕ знӕгтӕ куы рацыдысты, уӕд йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл (2Аз 20:9–12). Рагацау бацархайдта, цӕмӕй адӕмы бахъахъхъӕдтаид: сарӕзта фидаргонд горӕттӕ ӕмӕ дзы ӕфсӕдтӕ сӕвӕрдта (2Аз 17:1, 2, 12, 13). Мах дӕр хъуамӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ зын рӕстӕджытӕм нӕхи рагацау бацӕттӕ кӕнӕм.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «БӔЛЛӔХМӔ ЦӔТТӔ ДӔ?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Нӕ бон куыд у нӕхи бацӕттӕ кӕнын, исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уымӕ?

  • Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй, куы бахъӕуа, уӕд иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ уӕм?