Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Библи алы бон дӕр кӕс ӕмӕ зонд агур

Библи алы бон дӕр кӕс ӕмӕ зонд агур

Хуыцау цы зонд дӕтты, уымӕн стыр аргъ ис, ӕмбӕхст хӕзнайӕ уӕлдай нӕу (Ӕм 2:1–6). Ӕххуыс нын кӕны, цӕмӕй уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ уыцы зонд хъахъхъӕны. Уымӕ гӕсгӕ «зонд у ӕппӕты сӕйрагдӕр» (Ӕм 4:5–7). Цӕмӕй, Библийы цы ’мбӕхст хӕзнатӕ ис, уыдон ссарӕм, уый тыххӕй фӕхъӕуы бацархайын. Нӕ бон уал у райдайын Хуыцауы Ныхас «ӕхсӕвӕй-бонӕй», ома алы бон дӕр кӕсын (ЙсН 1:8). Видеороликы-иу дӕ хъус ӕрдар, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсай ӕмӕ уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕуа.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔРЫГӔТТӔ, БИБЛИ КӔСЫН БАУАРЗУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН:

Ацы ӕрыгӕтты Библи алы бон дӕр кӕсын цы къуылымпы кодта ӕмӕ сын цы баххуыс кодта?

  • Мелани

  • Сэмюэл

  • Селин

  • Рафаэль

МӔ ГРАФИК БИБЛИ КӔСЫНӔН: