Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Уарзӕгой фыды фӕдзӕхст

Уарзӕгой фыды фӕдзӕхст

Йегъовӕмӕ баввахс у, цӕмӕй дӕ хӕлар суа (1Аз 28:9; w05 1/3 10 ф., 9 абз.).

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн, дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ уӕд, афтӕмӕй (1Аз 28:9; w12 15/4 16 ф., 13 абз.).

Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар ӕмӕ ма тӕрс (1Аз 28:20; w17.09 32 ф., 20, 21 абз.).

Ацӕргӕ паддзах Давид ацы фӕдзӕхст радта ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд Соломонӕн, уымӕн ӕмӕ йӕм стыр куыст ӕнхъӕлмӕ каст – хъуамӕ кувӕндон сарӕзтаид. Ацы уынаффӕ алкӕмӕндӕр, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕттӕн, стыр ӕххуыс цӕмӕн фӕуыдзӕн?