НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Куыд ис пайда кӕнӕн видеороликтӕй Библийы ахуыры тыххӕй?
Ис нӕм цыппар видеороликы Библийы ахуыры тыххӕй. Алкӕцыйӕн дӕр дзы йӕ нысан цы у?
-
«Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» (ӕнӕхъӕнӕй). Арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй адӕймаджы бафӕнда Библийы тыххӕй фылдӕр базонын, цыфӕнды диныл хӕст ма уа, уӕддӕр. Адӕймаджы разӕнгард кӕны, цӕмӕй царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп Библийы агура. Видеороликы ис цӕвиттон, ахӕм фарстатӕй иуӕн Библи цавӕр дзуапп дӕтты, уымӕн.
-
«Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» (цыбыртӕй). У фыццаг видеороликы хуызӕн, фӕлӕ ӕртӕ хатты цыбырдӕр. Хуыздӕр дзы уыдзӕн пайда кӕнын, адӕм ӕдзух тагъд кӕм фӕкӕнынц, ахӕм рӕтты.
-
«Библи адӕмимӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм?» Арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй адӕймаджы бафӕнда базонын, адӕмимӕ Библи лӕвар куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый. Дзуапп дӕтты, Библи ахуыр кӕныны тыххӕй адӕммӕ арӕхдӕр цы фарстатӕ вӕййы, уыдонӕн. Стӕй ма дзы базонӕн ис, адӕймагӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йемӕ исчи Библи ахуыр кӕнын райдайа.
-
«Ӕгас цу Библийы ахуырмӕ». Арӕзт ӕрцыд, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн. Чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» 2-аг фарсыл ис ссылкӕ ацы видеороликмӕ. Фӕлӕ йӕ ис равдисӕн брошюрӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» ӕвзаргӕйӕ. Дзырд дзы цӕуы, чиныг куыд конд у ӕмӕ Библийы ахуыр куыд фӕцӕуы, ууыл.
Кӕд ацы видеороликтӕй алкӕцыйӕн дӕр йӕхи нысан ис, уӕддӕр, куы хъӕуа, уӕд сӕ кӕцыфӕндыдӕр ис адӕймагӕн равдисӕн кӕнӕ йӕм ӕй арвитӕн. Хъусынгӕнджытӕ хъуамӕ ацы видеороликтӕ хорз зоной ӕмӕ сӕ уацамынды пайда кӕной.