Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс

Дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг уӕд, дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарыс

Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы уынаффӕтӕ хӕссын. Ацы дунейы адӕм уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ арӕхдӕр сӕ зӕрдӕйы фӕдыл ацӕуынц йе та, иннӕтӕ куыд кӕнынц, афтӕ бакӕнынц (Рц 23:2; Ӕм 28:26). Мах та нӕ зӕрдӕ дарӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (Ӕм 3:5, 6).

Стихты бынмӕ ныффысс, раст уынаффӕ рахӕссынӕн дын цавӕр уавӕрты баххуыс кӕндзысты, уый.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ФӔЗМУТ, УЫРНЫНДЗИНАД КӔМӔ УЫД, УЫДОНЫ: МОИСЕЙЫ, ФАРАОНЫ НӔ, ФӔЛӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН:

Ӕфсымӕрӕн Библийӕ иу цӕвиттон куыд баххуыс кодта раст уынаффӕ рахӕссынӕн?