Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Мӕ зӕрдӕ алкӕддӕр уым уыдзӕн»

«Мӕ зӕрдӕ алкӕддӕр уым уыдзӕн»

Йегъовӕ йӕхицӕн кувӕндон равзӕрста (2Аз 7:11, 12).

Йегъовӕ загъта, йӕ зӕрдӕ алкӕддӕр кувӕндоны кӕй уыдзӕн, ома, йӕ номыл арӕзт чи ’рцыд, уыцы кувӕндонмӕ йӕ хъус кӕй дардзӕн (2Аз 7:16; w02-U 15/11 5 ф., 1 абз.).

Йегъовӕ загъта, йӕ адӕм ын ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы нал лӕггад кӕной, уӕд кӕй бауадздзӕн, цӕмӕй кувӕндон пырхгонд ӕрцӕуа (2Аз 6:14; 7:19–21; it-U «Храм», дӕлсӕргонд «История», 1 абз.).

Кувӕндон куы нывонд кодтой, уӕд адӕм, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Йегъовӕйӕн алкӕддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзысты. Фӕлӕ фӕстӕдӕр зынгзӕрдӕйӕ нал лӕггад кодтой ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард сты.

АХЪУЫДЫ КӔН: «Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнын, уый цӕмӕй у бӕрӕг?»