Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн

Ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ арӕхӕй-арӕхдӕр кӕнынц. Ӕмӕ бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд фӕхъӕуы алцыдӕр спълан кӕнын ӕмӕ ӕмвӕндӕй архайын. Уымӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, алы филиалы дӕр кӕй уыдзӕн бӕллӕхты рӕстӕг ӕххуысгӕнӕг хайад.

Уыцы хайӕдты чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ куы базонынц, кӕмдӕр ӕрдзон бӕллӕх кӕй ӕрцыд, уӕд ӕвӕстиатӕй бынӕттон ӕфсымӕртӕм бадзурынц, цӕмӕй базоной, ӕххуыс сӕ хъӕуы ӕви нӕ. Ӕмӕ сӕ куы фӕхъӕуы, уӕд филиал снысан кӕны, уыцы хъуыддаджы разамынд чи дӕтдзӕн, ахӕм ӕфсымӕрты. Уыдон филиалмӕ фӕхабар кӕнынц, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый тыххӕй, стӕй барвӕндон ӕххуысгӕнджытӕ куы фӕхъӕуы, уӕд уый дӕр фӕзӕгъынц. Йе та балхӕнынц, цы хъӕуы, уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ байуарынц, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоныл.

Куыст афтӕ кӕй у пълангонд, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты у хорз. Цалынмӕ ӕфсымӕртӕ разамынд нӕ раттой, уӕдмӕ хорз уаид, нӕхи фӕндӕй куы ницы аразиккам. Афтӕмӕй уӕлдай хӕрдзтӕ нӕ кӕндзыстӕм, нӕ-иу сӕмтъеры уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн.

Филиал кӕй снысан кӕны, уыцы ’фсымӕртӕ сбӕрӕг кӕнынц, цас ӕхца ӕмӕ цал барвӕндон ӕххуысгӕнӕджы бахъӕудзӕн, уый. Стӕй аныхас кӕнынц бынӕттон хицӕуттимӕ, цӕмӕй нӕм истӕмӕй фӕкӕсой. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ нӕхӕдӕг ӕхца ӕмбырд кӕнынмӕ ма фӕуӕм, стӕй нын ӕфсымӕртӕ куы нӕ зӕгъой, уӕд, бӕллӕх кӕм ӕрцыд, уырдӕм истытӕ ӕрвитын кӕнӕ уырдӕм цӕуын дӕр нӕ хъӕуы.

Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд нӕ кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕфӕнды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзӕм (Дзт 13:16). Нӕ бон цы вӕййы саразын? Сӕйраджыдӕр нӕ бон у, бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕны, уыдоны тыххӕй кувын. Нӕ бон ма у ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнаг дӕттын. Филиалтӕ архайынц Разамонӕг советы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ уыдон зонынц, фӕрӕзтӕй хуыздӕр куыд хъӕуы пайда кӕнын. Кӕд искӕй фӕнды, бӕллӕх кӕм ӕрцыд, уырдӕм фӕкӕсынмӕ ацӕуын, уӕд йӕ бон у байдзаг кӕнын «Заявление на служение добровольцем в программе местного проектно-строительного отдела» (DC-50).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «СТЫР ДОНИВЫЛДТӔ БРАЗИЛИЙЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН:

2020 азы Бразилийы донивылдтӕ куы уыд, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийӕн куыд ӕххуыс кодтой, уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй фӕцыд?