Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Цы аразын, цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн хорз ном уа?

Цы аразын, цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн хорз ном уа?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи куыд фӕдарынц, уый адӕм ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййынц (1 Кор. 4:9). Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Мӕ дзыхыныхас ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйӕн кад фӕхӕссынц?» (1 Пет. 2:12). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ азты дӕргъы сӕхицӕн хорз ном скодтой. Ӕмӕ мах, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы ном фӕчъизи кӕнӕм (Еккл. 10:1).

Ацы уавӕрты чырыстон куыд хъуамӕ бакӕна ӕмӕ йын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?

  • Де ’нӕуырнӕг хион демӕ мӕстыйӕ ныхас кӕны ӕмӕ дӕм фаутӕ хӕссы

  • Дӕ уӕлӕдарӕс кӕнӕ дӕ машинӕ у ӕхсинаг, йе та дӕ хӕдзар у ӕфснаинаг

  • Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ хицауады закъӕттӕй кӕцыдӕр раст нӕу йе та зынӕххӕстгӕнӕн у

Фысджыты хайады чи лӕггад кӕны, уыцы иртасджытӕ нӕ организацийы хорз номӕн куыд ахъаз кӕнынц?

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «УАРЗӔМ РӔСТДЗИНАД ӔМӔ ЙЫН АРГЪ КӔНӔМ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН:

Нӕ организаци цы ӕрмӕг уадзы, уый цӕмӕй раст уа, уый тыххӕй цавӕр куыст цӕуы?