ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты зын уавӕры макуы ныууадз
Иовмӕ йӕ хиуӕттӕ хӕстӕг нал цыдысты (Иов 19:13).
Гыццыл сывӕллӕттӕ ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджытӕ нал кад кодтой (Иов 19:16, 18).
Йе ’мбӕлттӕ йӕ ныхмӕ систы (Иов 19:19).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Зын уавӕры чи бахауд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй уарзын, уый мӕ бон куыд у равдисын?» (Ӕмб. 17:17; w22.01 16 ф., 9 абз.; w21.09 30 ф., 16 абз.; w90-U 1/9 22 ф., 20 абз.).