НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕной
Йегъовӕ сывӕллӕтты бирӕ уарзы. Уый фӕуыны, сӕ уырнындзинад фидар кӕныныл кӕй архайынц ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй сты (1См 2:26; Лк 2:52). Суанг гыццыл сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, сӕхи хорз кӕй дарынц, уымӕй (Ӕм 27:11). Йӕ организацийы уылты Йегъовӕ ныййарджытӕн дӕтты бирӕ ӕрмӕг. Уый фӕрцы сӕ бон у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсой.
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «СЫВӔЛЛӔТТӔ, ЙЕГЪОВӔ УӔ ФИДАРДЗИНАДМӔ КӔСГӔЙӔ ЦИН КӔНЫ!» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Йегъовӕ сывӕллӕттӕн бирӕ азты дӕргъы цавӕр ӕрмӕг лӕвӕрдта?
-
Нӕ рӕстӕджы ныййарджытӕн сӕ бон цавӕр кусӕнгӕрзтӕй у пайда кӕнын?
-
Ӕрыгӕттӕ, сымахӕн тынгдӕр кӕцы кусӕнгӕрзтӕ ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ куыд?