НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Уырнӕг чи нӕу, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм Сфӕлдисӕджы базонынӕн
Искуы дын афтӕ уыди, ӕмӕ уырнӕг чи нӕу, ахӕм адӕймагӕн хорз хабары кой не скодтай, уымӕн ӕмӕ ахъуыды кодтай, зӕгъгӕ мӕм уӕддӕр нӕ байхъусдзӕн? Кӕд о, уӕд дӕ зӕрдыл дар: уырнӕг чи нӕу, уыдонӕй бирӕтӕ, суанг атеисттӕй дӕр чидӕртӕ, свӕййынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Арӕхдӕр сын фӕхъӕуы гыццыл баххуыс кӕнын – семӕ аныхас кӕнын, Хуыцау кӕй ис, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдоныл (Ро 1:20; 10:14).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «РОХ УӔ МА УӔД: ӔНӔУЫРНӔГ АДӔММӔ ДӔР ФӔЗЫНЫ УЫРНЫНДЗИНАД! ДИНЫЛ ХӔСТ ЧИ НӔУ, УЫДОН» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАЙӔН
Томмазойы хабарӕй куыд у бӕрӕг, уырнӕг чи нӕу, уыдонӕн дӕр кӕй хъӕуы хъусын кӕнын?