ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Хуыцауы ӕнувыд уарзт нӕ Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕй хъахъхъӕны
Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй адӕм афтӕ хъуыды кӕной, ӕмӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ Хуыцауы аххосӕй цӕуынц (Иов 8:4).
Уый архайы, цӕмӕй нӕ ахӕм хъуыдыйыл баууӕндын кӕна, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн уӕлдай нӕу, иузӕрдион ыл стӕм ӕви нӕ (Иов 9:20–22; w15 1/7 12 ф., 3 абз.).
Йегъовӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстыл ма баууӕндӕм ӕмӕ иузӕрдионӕй баззайӕм (Иов 10:12; Пс 32:7, 10; w21.11 6 ф., 14 абз.).
БАФӔЛВАР: фӕлварӕныл куы сӕмбӕлай, уӕд-иу дӕ хъус дар, Йегъовӕ дӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг, ӕмӕ-иу сӕ ныффысс. Уыцы фыстытӕм-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕркӕс.