НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйы дзугыл тыхсынц
Ацы дунейы бартӕ кӕмӕ ис, уыдоныл бирӕтӕ нӕ феууӕндынц. Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ ахӕм адӕм арӕхдӕр сӕхи пайдайыл фӕхъуыды кӕнынц (Мх 7:3). Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгты та Йегъовӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй йӕ адӕмы хорзыл хъуыды кӕной ӕмӕ сӕ бартӕй раст пайда кӕной (Есф 10:3; Мф 20:25, 26).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ тынг хицӕн кӕнынц, ацы дунейы бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй – сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц, Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ адӕмы кӕй уарзынц, уый тыххӕй (Ин 21:16; 1Пт 5:1–3). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн разамынд дӕтты Йесо. Уыдон алы хъусынгӕнӕгӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй йын ӕмбырд хи бинонты ад кӕна ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕна. Нӕ ныфсыл нын ныфс бафтауынц, ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ дохтырты ӕххуыс куы бахъӕуы кӕнӕ исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынц. Ӕххуыс дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕимӕ аныхас кӕн (Иак 5:14).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДЗУГЫЛ ЧИ ТЫХСЫ, УЫЦЫ ФЫЙЙӔУТТӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Марьянӕйӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд баххуыс кодтой?
-
Элиасӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд баххуыс кодтой?
-
Ацы видеороликы цы федтай, уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгты фыдӕбонӕй цы хъуыды кӕныс?