Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Хуыцауы зондӕй схайджын уой

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Хуыцауы зондӕй схайджын уой

Чырыстон ӕмбырдты фӕрцы ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы зондӕй хайджын уой. Сывӕллӕттӕ ӕмбырды лӕмбынӕг куы фӕхъусынц ӕмӕ дзуаппытӕ куы фӕдӕттынц, уӕд Йегъовӕйы хуыздӕр базонынц ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ свӕййынц (Д.з 31:12, 13). Кӕд уын сывӕллӕттӕ ис, уӕд уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сын ӕмбырдтӕ фылдӕр пайда хӕссой?

  • Гӕнӕн уӕвгӕйӕ ӕмбырдтӕм Паддзахады залмӕ цӕут (Пс 22:22).

  • Ӕмбырды размӕ кӕнӕ-иу ӕмбырды фӕстӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ аныхӕстӕ кӕнут (Дзт 10:25).

  • Хорз уаид, ӕмбырды цы публикацитӕ февзарӕм, уыдон уӕ бинонтӕй алкӕмӕ дӕр куы уаиккой, фӕнды мыхуыргондӕй, фӕнды электронон форматы.

  • Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй-иу дзуапп сӕхи ныхӕстӕй дӕттой (Мф 21:15, 16).

  • Ӕмбырдты ӕмӕ дзы цы амындтӕ фехъусут, уыдоны кой кӕнгӕйӕ-иу хорз цыдӕртӕ дзурут.

  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут, цӕмӕй-иу Паддзахады зал ӕфснайынмӕ фӕкӕсой ӕмӕ-иу ацӕргӕтимӕ аныхӕстӕ кӕной.

Цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой, уый тыххӕй уӕ бирӕ фыдӕбон кӕнын хъӕуы ӕмӕ, чи зоны, хатт уӕ къухтӕ дӕр ӕруадзут. Фӕлӕ уын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн (Ис 40:29).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «НЫЙЙАРДЖЫТӔ, УӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАРУТ ӔМӔ ДЗЫ ТЫХТӔ КУРУТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Зак ӕмӕ Лийӕ ӕдзух фӕллад кӕй уыдысты, уый сыл куыд фӕзынд?

  • Ныййарджыты цӕмӕн фӕхъӕуы Йегъовӕйӕ тыхтӕ курын?

  • Зак ӕмӕ Лийӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардтой, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?