ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Истӕмӕй-иу куы фӕфыдӕнхъӕл уай, уӕддӕр-иу цин кӕн
Давиды тынг фӕндыд Йегъовӕйӕн рӕсугъд кувӕндон саразын (1Аз 17:1, 2; w06 1/8 11 ф., 1 абз.).
Йегъовӕ Давидӕн загъта, кувӕндон ын уый кӕй нӕ сараздзӕн (1Аз 17:4).
Давид йе ’ргом сарӕзта, Йегъовӕ йын кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддагмӕ (1Аз 17:7; 18:14).
Кӕд цӕйдӕр тыххӕй, зӕгъӕм, дӕ кары кӕнӕ де ’нӕниздзинады тыххӕй, дӕ бон нӕу цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын, уӕддӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы, дӕ бон цы у, уый араз (Хъд 18:5; w21.08 22 ф., 11 абз.).