Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дохтырты ӕххуыс дӕ куы бахъӕуа, уӕд цӕттӕ разындзынӕ?

Дохтырты ӕххуыс дӕ куы бахъӕуа, уӕд цӕттӕ разындзынӕ?

Рагацау цӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ уай? Адӕймаджы дохтырты ӕххуыс куы бахъӕуы кӕнӕ рынчындонмӕ куы бахауы, уӕд уый арӕх ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕуы. Уымӕ гӕсгӕ дӕхи рагацау бацӕттӕ кӕн, цӕмӕй, куы бахъӕуа, уӕд дын хос кӕной ӕппӕты хуыздӕр мадзӕлттӕй. Афтӕ куы бакӕнай, уӕд уымӕй равдисдзынӕ, цардӕн ӕмӕ, Йегъовӕ туджы тыххӕй цы закъон радта, уымӕн кӕй аргъ кӕныс (Хъд 15:28, 29).

Дӕ бон куыд у дӕхи бацӕттӕ кӕнын?

  • Скув, лӕмбынӕг ахъуыды кӕн ӕмӕ байдзаг кӕн «Волеизъявление и доверенность относительно медицинского вмешательства» (dpa) a. Донаргъуыд хъусынгӕнджытӕн ацы гӕххӕтт сӕ бон у райсын, литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрӕй. Ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕттӕн (18 азы кӕуыл нӕма цӕуы, уыдонӕн) райсын гӕххӕт «Удостоверение личности» (ic).

  • Йӕхи бар чи нӕу, уыцы хотӕн сӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕй райсын бланк «Информация для беременных» (S-401). Уый сын баххуыс кӕндзӕн хос кӕныны мадзӕлттимӕ баст фарстаты фӕдыл раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн, цалынмӕ сывӕрджын сты, уыцы рӕстӕг дӕр ӕмӕ арыны рӕстӕг дӕр.

  • Рынчындоны дӕ куы ӕвӕрой кӕнӕ дын операци кӕнын куы хъӕуа ӕмӕ йӕ куы зонай, гӕнӕн ис, ӕмӕ дын туг уадзын кӕной, уӕд уый тыххӕй рагацау хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъ.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты? Баххуыс дын кӕндзысты туджы гӕххӕтт байдзаг кӕнынӕн. Фӕлӕ, алчидӕр йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ скъуыддзаг кӕна, уыцы фарстаты фӕдыл дын сӕ хъуыды нӕ дзурдзысты ӕмӕ дӕ бӕсты уынаффӕтӕ нӕ хӕсдзысты (Ро 14:12; Га 6:5). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы зӕгъай, дохтырты ӕххуыс дӕ кӕй хъӕудзӕн ӕмӕ дын, гӕнӕн ис, туг кӕй уадзын кӕндзысты, уӕд уыдон уайтагъд рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитетмӕ фӕхабар кӕндзысты.

Рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитет дын куыд баххуыс кӕндзӕн? Уыцы комитеты чи лӕггад кӕны, уыдонӕн сӕ бон вӕййы дохтыртӕн ӕмӕ юристтӕн бамбарын кӕнын туг уадзынмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый. Уыцы ӕфсымӕртӕ дӕ дохтыримӕ аныхас кӕндзысты, туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдоныл. Кӕд бахъӕуа, уӕд дын ссардзысты, ӕнӕ тугӕй хос кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм дохтыр.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН ТУДЖЫ ФӔДЫЛ УЫНАФФӔ РАХӔССЫНӔН?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ дохтырты ӕххуыс куы бахъӕуа, уӕд цӕттӕ разынай?

a *Чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» 39 урок дын баххуыс кӕндзӕн тугӕй хос кӕныны мадзӕлтты фӕдыл уынаффӕ рахӕссынӕн.