НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг ӕххуыс кӕны
Ацы фӕстаг бонты ӕмбӕлӕм бирӕ зындзинӕдтыл. Ӕмӕ нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нал бафӕраздзыстӕм. Фӕлӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ куы ӕввахс кӕнӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм суанг стыр фӕлварӕнты дӕр (Ис 43:2, 4). Фӕлварӕнты рӕстӕг дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай?
Кув. Йегъовӕйӕн, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы дзурай, уӕд дын дӕтдзӕн фарн ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй фидар фӕлӕууай (Фп 4:6, 7; 1Фс 5:17).
Ӕмбырдтӕм цу. Ныртӕккӕ нӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ нӕ фарсмӕ уой, стӕй нын цӕмӕй уа уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уыдӕттӕ нын Йегъовӕ дӕтты ӕмбырдты фӕрцы (Дзт 10:24, 25). Адӕймаг ӕмбырдтӕм йӕхи куы бацӕттӕ кӕны ӕмӕ дзуаппытӕ куы фӕдӕтты, уӕд сыгъдӕг тыхӕн уый бар ратты, цӕмӕй йын ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна (Рар 2:29).
Хъусын кӕн. Ӕдзух куы хъусын кӕнай, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зындзинӕдтыл ма суай ӕмӕ хорз цӕуылдӕрты хъуыды кӕнай. Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр фӕкӕнӕм, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ фӕкӕнӕм ӕнгомдӕр (1Кр 3:5–10).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔ ДЫЛ УАРЗӔГОЙ ФЫДАУ БАТЫХСДЗӔН» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Малуйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг Йегъовӕйӕ ма адард уыдаид?
-
Псалом 34:18 стих Малуйӕн куыд баххуыс кодта ӕмӕ махӕн дӕр куыд баххуыс кӕндзӕн зын уавӕрты куы бахауӕм, уӕд?
-
Малуйы хабарӕй куыд зыны, Йегъовӕ нӕ зындзинӕдты рӕстӕг кӕй схайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ»? (2Кр 4:7)