НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Дӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕр, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг фылдӕр балӕггад кӕнай
Йегъовӕйы адӕм алы аз дӕр зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Ӕрымысӕн изӕры размӕ ӕмӕ нын уый фӕстӕ дӕр фадат вӕййы, цӕмӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ Фырты нывонды тыххӕй бузныг дзурӕм (Еф 1:3, 7). Зӕгъӕм, нӕ бон вӕййы Ӕрымысӕн изӕрмӕ адӕмы хонын. Бирӕтӕ сӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнынц, цӕмӕй мартъийы кӕнӕ апрелы ӕххуысгӕнӕг пионертӕй балӕггад кӕной (30 кӕнӕ 50 сахаты). Дӕу нӕ фӕндид Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг фылдӕр балӕггад кӕнын? Кӕд о, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уый дӕ къухы бафта?
Нӕ хъуыддӕгтӕ рагацау куы спълан кӕнӕм, уӕд арӕхдӕр нӕ къухы фылдӕр бафты (Ӕм 21:5). Ӕрымысӕн изӕр ӕрхӕццӕ кӕны, ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ ныртӕккӕ райдай пълан кӕнын. Ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд уаид фылдӕр балӕггад кӕнын ӕмӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дын дӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кӕна (1Ин 5:14, 15).
Дӕ бон цы уаид саразын, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг фылдӕр балӕггад кӕнай?