НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый-иу базон
Мах фӕнды нӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын (Ӕм 27:11). Фӕлӕ хатт Библийы нӕ вӕййы, нӕ уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм бӕлвырд закъон. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕры, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ рахӕссӕм?
Библи ӕдзух иртас. Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕимӕ рӕстӕг фервитӕм. Бакӕсӕм, йӕ адӕмӕн куыд уыди, уый тыххӕй, стӕй, йӕ цӕсты хорз йе та, ӕвзӕр цы у, уый чи арӕзта, уыдоны тыххӕй. Уый фӕрцы базонӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый. Исты уынаффӕ рахӕссын нӕ куы бахъӕуа, уӕд нын, гӕнӕн ис, сыгъдӕг тых нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, Библийы кӕй бакастыстӕм, уыцы ахсджиаг хъуыдытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ (Ин 14:26).
Фарста дӕм куы фӕзына, уӕд-иу ӕй раиртас. Уынаффӕ рахӕссыны размӕ ахъуыды кӕн: «Библийӕ мын цавӕр стихтӕ кӕнӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бамбарон, Йегъовӕ ацы хъуыддаджы тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый?». Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракур. Спайда кӕн, иртасынӕн нӕм цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй, цӕмӕй ссарай, дӕ уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм уагӕвӕрдтӕ Библийӕ ӕмӕ стӕй, уыдонмӕ гӕсгӕ архай (Пс 25:4).
БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХЪУАМӔ „ФӔРАЗОНӔЙ ЗГЪОРӔМ“. ПАЙДА ХӔРИНӔГТӔ ХӔРӔМ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:
-
Ӕрыгон хойӕн цавӕр фӕлварӕнтӕ уыд?
-
Нӕ публикацитӕ куы иртасай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ды дӕр ахӕм фӕлварӕнты фидар фӕлӕууай?
-
Библи куы иртасӕм ӕмӕ нӕм цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн дзуаппытӕ куы агурӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн? (Дзт 5:13, 14).