ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый дӕ рох ма уӕд
Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕ Иудӕйы адӕмӕн дзырдта, сӕ фыдхъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууадзой, уӕд сыл йӕ къух кӕй сисдзӕн (2Пд 24:2, 3; w01 1/3 7 ф., 2 абз.).
Н. э. размӕ 607 азы Йегъовӕ вавилойнӕгты къухӕй Иерусалим ныппырх кодта (2Пд 25:8–10; w07 1/4 11 ф., 10 абз.).
Йегъовӕ бахъахъхъӕдта, йӕ фӕдзӕхстмӕ йын чи байхъуыста, уыдоны цард (2Пд 25:11).
Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕ се ’ппӕты дӕр фӕдзӕхсы, тагъд ӕнӕхуыцау адӕмы кӕй фесафдзӕн (2Пт 3:7).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Алы фадатӕй дӕр фӕпайда кӕнын, цӕмӕй адӕмӕн дзурон, ацы фыддунемӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй?» (2Тм 4:2).