Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕд дуне карз у, уӕддӕр стӕм хӕларзӕрдӕ

Кӕд дуне карз у, уӕддӕр стӕм хӕларзӕрдӕ

Рафыссын

  1. 1. Абон алы къахдзӕфыл ӕз уынын, адӕм хиуарзон ысты.

    Цард нӕу ӕнцон, ӕмӕ алы бон сӕ мастыл маст ӕфты.

    Фӕлӕ зонын ӕз, Хуыцау зӕгъы: «Фӕлмӕн, фӕразон у.

    Скув дӕхинымӕр, ӕмӕ алкӕмӕ сабыр ’мӕ фӕлмӕнӕй дзур».

    1-АГ БАЗАРД

    Мах ыстӕм хӕларзӕрдӕ ’мӕ фӕлмӕн, кӕд дуне у карз, уӕддӕр.

    Фӕлӕ фидар ныфс и мах: ног дунейы тагъд фарн уыдзӕн ам ӕнустӕм дӕр.

  2. 2. Куыстмӕ ӕз куы ’рбацӕуын, уӕд фыццаг алцы хорз вӕййы, фӕлӕ

    Хатт искӕй маст ыссудзы ’васт, ’мӕ зын вӕййы уый мӕнӕн.

    ’Рлӕууы уӕд мӕ зӕрдыл, цы кастӕн, уый: «У ӕмбаргӕ, арфуынӕг.

    Чидӕр у тызмӕг, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ ’цӕг у хъӕдгӕмттӕ, мастӕфхӕрд».

    1-АГ БАЗАРД

    Мах ыстӕм хӕларзӕрдӕ ’мӕ фӕлмӕн, кӕд дуне у карз, уӕддӕр.

    Фӕлӕ фидар ныфс и мах: ног дунейы тагъд фарн уыдзӕн ам ӕнустӕм дӕр.

    2-АГ БАЗАРД

    Ӕнцон нӕу, ӕмбарын ӕй,

    Алкӕд сабыр, фӕразон уай.

    Алцы бакӕн ды Хуыцауы бар,

    Йегъовӕ дын дӕтдзӕни фарн.

  3. 3. Ссарӕм мах рӕстӕг, цӕмӕй фарны хорз хабар фехъусын кӕнӕм.

    Фӕлӕ мӕнг хатдзӕгтӕ скӕнынц чидӕртӕ, ’мӕ вӕййынц уӕд тынг тызмӕг.

    Сабырӕй, ӕнӕ хылӕй дарддӕр дӕр уӕд кӕнӕм нӕ фӕндаг мах.

    Хыл, быцӕу ӕмӕ загъдӕй дард лӕууӕм ӕмӕ хъахъхъӕнӕм нӕ фарн.