Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Стӕм иу бинонтау

Стӕм иу бинонтау

Рафыссын

  1. 1. Ӕрбамбырд ысты сау мигътӕ,

    Арв ӕрбаталынг ӕваст.

    Ӕгъатырӕй ’фхӕрдтой знӕгтӕ,

    Калдтой ныл сӕ судзгӕ маст.

    Фӕлӕ мах ыстӕм хъӕбатыр –

    Не скаст махӕн у Хуыцау.

    Фидар къухӕй ныл хӕцдзӕни,

    Йемӕ нын уыдзӕн ӕдас.

    1-АГ БАЗАРД

    Стӕм кӕрӕдзийыл ӕнувыд,

    ’Гас зӕххыл иу бинонтау.

    Мах нӕ басӕтдзӕни не знаг.

    Фидар нӕ кӕндзӕн Хуыцау.

    Фидар нӕ кӕндзӕн Хуыцау.

  2. 2. Кӕсӕм мах размӕ ныфсджынӕй,

    Зӕрдӕтӕй фӕсырдтам тас.

    Мах фервӕзын кӕндзӕни

    Дунедарӕг Стыр Хуыцау.

    Уарзы нӕ ӕнувыд уарзтӕй,

    Мах ын тынг зынаргъ ыстӕм.

    Алкӕддӕр уыдзӕн нӕ фарсмӕ

    ’Мӕ нын хъарутӕ дӕтдзӕн!

    1-АГ БАЗАРД

    Стӕм кӕрӕдзийыл ӕнувыд,

    ’Гас зӕххыл иу бинонтау.

    Мах нӕ басӕтдзӕни не знаг.

    Фидар нӕ кӕндзӕн Хуыцау.

    2-АГ БАЗАРД

    Знӕгтӕй мах нӕ тӕрсӕм,

    Иумӕ ’нӕфӕцудгӕ стӕм.

    Дары ныл йӕ арм Йегъовӕ,

    Уарзӕм ӕй ’ппӕт зӕрдӕйӕ.

    1-АГ БАЗАРД

    Стӕм кӕрӕдзийыл ӕнувыд,

    ’Гас зӕххыл иу бинонтау.

    Мах нӕ басӕтдзӕни не знаг.

    Фидар нӕ кӕндзӕн Хуыцау.

    Фидар нӕ кӕндзӕн Хуыцау.