Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕз Йегъовӕйы кадджын кӕнын

Ӕз Йегъовӕйы кадджын кӕнын

(Псалом 96:8)

Рафыссын

  1. 1. О, Дунедарӕг Йегъовӕ,

    Де стыр кад – арвӕй уӕлдӕр!

    Аргъ дӕр нӕй де ’нувыд уарзтӕн.

    Чи бафиддзӕн де ’ппӕт хӕрзтӕ?!

    Арвмӕ кӕсгӕйӕ ӕз фенын

    Де стыр тых, намыс ’мӕ кад.

    Де ’ргом мӕнмӕ ды ыздахыс.

    Дӕуӕн, о Хуыцау, нӕй ӕмбал!

    БАЗАРД

    Ӕцӕг Хуыцау, дӕ кадӕн зарын ӕз.

    Табу дын уӕд алы бон!

    Ӕнустӕм дӕр ды Кадджын Паддзах дӕ.

    Ӕз кӕндзынӕн дӕу бӕрзонд,

    Уадз ысрухс уӕд де стыр ном!

  2. 2. Радтон мӕ цард, о Йегъовӕ,

    ’Нӕхъӕнӕй дӕр ӕз дӕуӕн.

    Цингӕнгӕ хъусын кӕндзынӕн

    Ӕз де стыр хъуыддӕгты тыххӕй!

    Стыр кад мӕнӕн у дӕу зонын,

    О, Дунескӕнӕг Хуыцау.

    Алкӕд дӕуӕй ӕз ныфсджын дӕн.

    Ды амоныс царды фӕндаг.

    БАЗАРД

    Ӕцӕг Хуыцау, дӕ кадӕн зарын ӕз.

    Табу дын уӕд алы бон!

    Ӕнустӕм дӕр ды Кадджын Паддзах дӕ.

    Ӕз кӕндзынӕн дӕу бӕрзонд,

    Уадз ысрухс уӕд де стыр ном!

  3. 3. Денджызтӕ, кӕмттӕ ’мӕ хӕхтӕ,

    Стъалытӕ, хур ӕмӕ мӕй –

    Иууылдӕр дзурынц дӕ кадыл.

    Дӕ уарзт у бӕрӕг алцӕмӕй.

    Бирӕ сты де сконд хъуыддӕгтӕ,

    Алцы у диссаджы конд.

    Равдыстай де стыр зонд, хъомыс.

    Ӕз кадджын кӕнын де стыр ном.

    БАЗАРД

    Ӕцӕг Хуыцау, дӕ кадӕн зарын ӕз.

    Табу дын уӕд алы бон!

    Ӕнустӕм дӕр ды Кадджын Паддзах дӕ.

    Ӕз кӕндзынӕн дӕу бӕрзонд,

    Уадз ысрухс уӕд де стыр ном!

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 96:1–10; 148:3, 7.)