Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕз ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндын!

Ӕз ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндын!

Рафыссын:

  1. 1. Мӕ сагъӕстӕ кодтой фылдӕрӕй-фылдӕр,

    Фӕлӕ стӕй ыссардтон хуыздӕр цыдӕр.

    Мӕн фӕндыди зонын фылдӕр.

    Дзуаппытӕ ссардтон мӕ фарстатӕн уӕд.

    Мӕ сагъӕстӕй, мӕ мӕтӕй нал баззад фӕд.

    Уӕд мӕ мӕтӕй нал баззад фӕд.

    1-АГ БАЗАРД

    Ацы дард балц ӕнцонтӕй нӕу,

    Фӕлӕ зӕрдӕйӕ ӕууӕндын:

    Фӕндаг зын куы уа, уӕддӕр мӕнӕн

    Бантысдзӕн ӕппӕт дӕр.

    Ӕз ӕууӕндын.

  2. 2. Ӕз уарзын рӕстдзинад фылдӕрӕй-фылдӕр.

    Ныр хъусын кӕндзынӕн мӕхӕдӕг дӕр,

    Ныр цӕттӕ дӕн

    Уымӕ ӕз дӕр.

    Уырнындзинады арт ыссыгъд мӕ мидӕг арф.

    Мынӕг кӕнын нӕ уадзын ӕз уыцы арт.

    Судзӕд алкӕд зӕрдӕйы арф.

    1-АГ БАЗАРД

    Ацы дард балц ӕнцонтӕй нӕу,

    Фӕлӕ ӕз рох нӕ кӕнын:

    Фӕндаг зын куы уа, уӕддӕр мӕнӕн

    Бантысдзӕн ӕппӕт дӕр.

    Ӕз ӕууӕндын.

    2-АГ БАЗАРД

    Скӕны ’нкъард бон, тар бон, сау мигъ ныббады.

    Ӕмӕ ногӕй ’мӕ ногӕй уӕд фӕкувын Хуыцаумӕ.

    Уый зӕгъы: «Дӕ зӕрдӕ дар мӕныл.

    Ӕнӕмӕнг дын дӕтдзынӕн тых.

    Ӕз де ’ппӕт фӕлварӕнты

    Демӕ уыдзынӕн».

    1-АГ БАЗАРД

    Ацы дард балц ӕнцонтӕй нӕу,

    Фӕлӕ ӕз рох нӕ кӕнын:

    Фӕндаг зын куы уа, уӕддӕр мӕнӕн

    Бантысдзӕн ӕппӕт дӕр.

    1-АГ БАЗАРД

    Ныр уынын ӕз мӕхи цӕстӕй,

    ’Ппӕт зӕрдӕйӕ ’ууӕндын:

    Фӕндаг зын куы уа, уӕддӕр мӕнӕн

    Бантысдзӕн ӕппӕт дӕр.

    Ӕз ӕууӕндын.