147 зарӕг
Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ адӕм
-
Ног адӕм ис Хуыцауӕн,
Йӕ сыгъдӕг тыхӕй сты сӕрст.
Сты йӕ арфӕйӕ хайджын,
Иннӕ адӕмӕй ’взӕрст.
БАЗАРД
Дӕ адӕм, дӕ фырттӕ,
Сты дӕуӕн уӕлдай зынаргъ.
Дӕу уарзынц зӕрдӕйӕ,
Ӕргом кӕнынц алкӕмдӕр дӕ кад.
-
Уыцы сыгъдӕг, ног адӕм
Рӕстдзинад ӕргом кӕнынц.
Стыр Хуыцау сӕ ӕрхуыдта,
Ныр йӕ рухсы цӕуынц.
БАЗАРД
Дӕ адӕм, дӕ фырттӕ,
Сты дӕуӕн уӕлдай зынаргъ.
Дӕу уарзынц зӕрдӕйӕ,
Ӕргом кӕнынц алкӕмдӕр дӕ кад.
-
’Нӕзивӕгӕй Хуыцауӕн
Йӕ фысты ӕмбырд кӕнынц.
Сты ӕнувыд йӕ Фыртыл,
’Мӕ йӕ фӕдыл цӕуынц.
БАЗАРД
Дӕ адӕм, дӕ фырттӕ,
Сты дӕуӕн уӕлдай зынаргъ.
Дӕу уарзынц зӕрдӕйӕ,
Ӕргом кӕнынц алкӕмдӕр дӕ кад.
(Ноджыдӕр кӕс Ис. 43:20б, 21; Мал. 3:17; Кол. 1:13.)