Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

152 ЗАРӔГ

Ацы хӕдзар дын кад хӕсдзӕн

Ацы хӕдзар дын кад хӕсдзӕн

(1 Паддзӕхты 8:27; 1 Азфыстыты 29:14)

  1. 1. Уӕлӕрвтӕ ыскӕнӕг, Йегъовӕ,

    Нӕ цӕуы уӕлӕрвты дӕ кад!

    Фӕлӕ мах фӕнды, цӕмӕй зӕххыл

    Уа дӕ номыл сыгъдӕг бынат.

    Дӕ рухсы цӕуы бирӕ адӕм,

    Рӕсугъд кӕнынц ацы хӕдзар.

    Кад хӕссы дӕуӕн нӕ иудзинад.

    Ам уыдзӕни дӕ рухс, дӕ фарн.

    2-АГ БАЗАРД

    Царды хорзӕй цы ис,

    Уыдон махӕн ды радтай.

    ’Мӕ дӕ къухӕй цы райстам,

    Уымӕй дӕуӕн дӕттӕм.

    1-АГ БАЗАРД

    Цы сарӕзтай, уымӕй стӕм бузныг,

    Ныр айхъуысдзӕн дардыл нӕ зард.

    Мах дын кувдзыстӕм дӕ хӕдзары –

    Уый дын алкӕд хӕсдзӕни кад.

  2. 2. Мах адӕмы хондзыстӕм ардӕм,

    Дӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕной.

    Дӕу фӕнды, цӕмӕй дӕуӕн дӕ ном

    Адӕм иууылдӕр базоной.

    Чырысти нын радта ыстыр куыст –

    Мах адӕммӕ хъуамӕ цӕуӕм

    ’Мӕ сын хъусын кӕнӕм хорз хабар.

    Мах сӕм афтӕмӕй рухс хӕссӕм.

    2-АГ БАЗАРД

    Иунӕг Кадджын Хуыцау,

    Стӕм дӕ хорзӕхтӕй хайджын.

    ’Мӕ нӕ цардӕй дӕуӕн мах

    Ницы ӕвгъау кӕнӕм.

    1-АГ БАЗАРД

    Цы сарӕзтай, уымӕй стӕм бузныг,

    Ныр айхъуысдзӕн дардыл нӕ зард.

    Мах дын кувдзыстӕм дӕ хӕдзары –

    Уый дын алкӕд хӕсдзӕни кад.