Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

153 ЗАРӔГ

Ратт мын хъӕбатырдзинад

Ратт мын хъӕбатырдзинад

(2 Паддзӕхты 6:16)

  1. 1. Райсом бон цы уыдзӕн –

    Тӕрсын ӕмӕ тыхсын.

    Фӕлӕ ды кӕныс мӕн размӕ,

    Вӕййыс мӕ фарсмӕ ды.

    Цард зын у ныртӕккӕ,

    Фӕлӕ йӕ зонын ӕз:

    Ды нӕ сивдзынӕ дӕ зӕрдӕ,

    Мӕ цард мын хъахъхъӕныс.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ, курын, равдис мын,

    Цы нӕ уынын цӕстӕй.

    Немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты.

    Ныфсджын дӕн ӕз дӕуӕй.

    Хъуамӕ уон хъӕбатыр,

    Лӕудзынӕн фидар уӕд.

    Дӕ фӕрцы дӕн хъӕбатыр.

    Уыдзӕн уӕлахиз дӕу.

  2. 2. Адӕймаг ӕнӕ дӕу

    У ’нӕныфсхаст, лӕмӕгъ.

    Фӕлӕ фидар у дӕ хъару,

    Ды дӕ мӕнӕн къӕдзӕх.

    Сфидар кӕн мӕ зӕрдӕ,

    Хъӕбатырдзинад ратт.

    Зиан мын не ’рхӕсдзысты знӕгтӕ,

    Ӕгас уон ӕви мард.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ, курын, равдис мын,

    Цы нӕ уынын цӕстӕй.

    Немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты.

    Ныфсджын дӕн ӕз дӕуӕй.

    Хъуамӕ уон хъӕбатыр,

    Лӕудзынӕн фидар уӕд.

    Дӕ фӕрцы дӕн хъӕбатыр.

    Уыдзӕн уӕлахиз дӕу.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ, курын, равдис мын,

    Цы нӕ уынын цӕстӕй.

    Немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты.

    Ныфсджын дӕн ӕз дӕуӕй.

    Хъуамӕ уон хъӕбатыр,

    Лӕудзынӕн фидар уӕд.

    Дӕ фӕрцы дӕн хъӕбатыр.

    Уыдзӕн уӕлахиз дӕу.

    Дӕ фӕрцы дӕн хъӕбатыр.

    Уыдзӕн уӕлахиз дӕу.