Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

154 ЗАРӔГ

Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн

Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн

(1 Коринфӕгтӕм 13:8)

  1. 1. Ахӕсс-ма дӕ цӕст –

    Цас ӕмбӕлттӕ дын ис.

    Фендзынӕ сӕ цӕстыты уарзт.

    Никуы ис ӕндӕр

    Ахӕм адӕм зӕххыл,

    Нал ыстӕм фыддунейӕ мах.

    БАЗАРДЫ РАЗМӔ

    Йегъовӕ зӕрдӕ ’вӕры:

    Ӕнустӕм у йӕ уарзт.

    БАЗАРД

    Уарзт алкӕд уыдзӕн.

    Уый у ыстыр лӕвар –

    Дӕтты нын ӕй Хуыцау.

    Уарзт алкӕд уыдзӕн.

    Нӕй ӕнӕ уарзтӕй цард.

    Уадз ӕнустӕм цӕрӕд

    ’Мӕ нӕ зӕрдӕты уӕд

    Ӕнувыд уарзт.

  2. 2. Адӕймагыл цард

    Хатт ӕруадзы йӕ уӕз,

    Асӕтты йӕ хъару, йӕ ныфс.

    Фӕлӕ цин хӕссы,

    Мах куы вӕййӕм рӕдау.

    Алкӕд ныл Йегъовӕ тыхсы.

    БАЗАРДЫ РАЗМӔ

    Йегъовӕ зӕрдӕ ’вӕры:

    Ӕнустӕм у йӕ уарзт.

    БАЗАРД

    Уарзт алкӕд уыдзӕн.

    Уый у ыстыр лӕвар –

    Дӕтты нын ӕй Хуыцау.

    Уарзт алкӕд уыдзӕн.

    Нӕй ӕнӕ уарзтӕй цард.

    Уадз ӕнустӕм цӕрӕд

    ’Мӕ нӕ зӕрдӕты уӕд.

    БАЗАРД

    Уарзт алкӕд уыдзӕн.

    Уый у ыстыр лӕвар –

    Дӕтты нын ӕй Хуыцау.

    Уарзт алкӕд уыдзӕн.

    Нӕй ӕнӕ уарзтӕй цард.

    Уадз ӕнустӕм цӕрӕд

    ’Мӕ нӕ зӕрдӕты уӕд

    Ӕнувыд уарзт.

    Ӕнувыд уарзт.

    Ӕнувыд уарзт.