26 ЗАРӔГ
«Уый мӕнӕн сарӕзтат»
-
1. Ис Чырыстийӕн ныр бирӕ ’ндӕр фыстӕ дӕр,
уыдон сӕрстытӕн сты ӕххуыс алкӕддӕр.
Стыр хӕрзиуӕг сын уый тыххӕй
’нӕмӕнг уыдзӕн,
Чырысти сын се ’ххуыс нӕ ферох кӕндзӕн.
БАЗАРД
«Уе ’ххуыс алкӕддӕр уыд ныфс ме ’фсымӕртӕн,
Ӕмӕ уымӕй ӕз дӕр зӕрдӕрухс уыдтӕн.
Лӕггад кодтат уыдонӕн ӕмӕ мӕнӕн.
Уӕ фыдӕбон, уе ’ххуыс ме ’фсымӕртӕн
Ӕз нымайын, цыма уый кодтат мӕнӕн».
-
2. «Ӕз ӕххормаг уыдтӕн ’мӕ мын дойны уыди,
’мӕ уӕ алчи мӕ фарсмӕ ’рбалӕууыди».
Уӕд ӕй бафӕрсдзысты:
«Уый кӕд уыди, зӕгъ-ма?»
Сӕ фарстайӕн Паддзах уӕд ратдзӕни дзуапп:
БАЗАРД
«Уе ’ххуыс алкӕддӕр уыд ныфс ме ’фсымӕртӕн,
Ӕмӕ уымӕй ӕз дӕр зӕрдӕрухс уыдтӕн.
Лӕггад кодтат уыдонӕн ӕмӕ мӕнӕн.
Уӕ фыдӕбон, уе ’ххуыс ме ’фсымӕртӕн
Ӕз нымайын, цыма уый кодтат мӕнӕн».
-
3. «Зонын, уе ’ппӕт дӕр мыл тынг ӕнувыд ыстут,
иумӕ хорз хабар алкӕм хъусын кӕнут».
Паддзах уыцы фыстӕн
арфӕ ракӕндзӕн уӕд.
Зӕгъдзӕн сын: «Уӕ хай уӕд ӕнустӕм дзӕнӕт».
БАЗАРД
«Уе ’ххуыс алкӕддӕр уыд ныфс ме ’фсымӕртӕн,
Ӕмӕ уымӕй ӕз дӕр зӕрдӕрухс уыдтӕн.
Лӕггад кодтат уыдонӕн ӕмӕ мӕнӕн.
Уӕ фыдӕбон, уе ’ххуыс ме ’фсымӕртӕн
Ӕз нымайын, цыма уый кодтат мӕнӕн».
(Ноджыдӕр кӕс Ӕмб. 19:17; Матф. 10:40–42; 2 Тим. 1:16, 17.)