85 ЗАРӔГ
Кӕрӕдзийыл узӕлӕм
-
1. Абон Хуыцаумӕ бирӕтӕ цӕуынц,
Йӕ Ныхас бамбарынмӕ тырнынц.
Царды дон алкӕмӕн дӕтты Хуыцау,–
Нӕ цин, нӕ узӕлд мах дӕр нӕ кӕнӕм ӕвгъау.
-
2. Бузныг ыстӕм нӕ уӕларвон Фыдӕй,
Кӕй нын ис ахӕм ӕфсымӕртӕ –
Узӕлынц ныл, ӕнувыд ныл ысты.
Фӕзмӕм сӕ ’мӕ сын аргъ кӕнӕм, уый мах фӕнды.
-
3. Хоны йӕхимӕ алкӕй дӕр Хуыцау,
Цӕмӕй ыссарой ӕнусон цард.
Фырты фӕрцы ныр йе уазӕг ыстӕм.
Цӕй, мах дӕр-иу кӕрӕдзийы суазӕг кӕнӕм.
(Ноджыдӕр кӕс Иоан. 6:44; Фил. 2:29; Рарг. 22:17.)