Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

91 ЗАРӔГ

Нӕ зӕрдиаг фыдӕбон

Нӕ зӕрдиаг фыдӕбон

(Псалом 127:1)

  1. 1. Йегъовӕ, абон дӕуӕн

    Зӕрдӕйӕ арфӕ мах кӕнӕм.

    Ды нын куыд саргъ кодтай, скад кодтай,

    Уымӕн нӕй зӕгъӕн!

    Лӕвӕрдтай махӕн тыхтӕ,

    ’Мӕ нын ӕххуысгӕнӕг уыдтӕ.

    Ныр ацы рухс хӕдзар ис дӕ раз’,

    ’Мӕ дзы райгонд дӕ.

    БАЗАРД

    Хуыцау Йегъовӕ, кад уыд махӕн

    Дӕ номыл саразын хӕдзар.

    Дӕуӕн лӕггад кӕндзыстӕм алкӕд, дӕ кадӕн уӕд

    Нӕ алы къахдзӕф, не ’ппӕт цард.

  2. 2. Мах цин кӕнӕм не ’ппӕт дӕр,

    Ис нын ӕмбӕлттӕ ныр фылдӕр!

    Нӕ уыдзӕн махӕй рох ацы бон

    Ныр ӕнустӕм дӕр!

    Ӕмвӕндӕй иумӕ куыстам,

    Дӕ тыхы архайд мах уыдтам.

    Дӕ номӕн кад хӕссӕм, цин кӕнӕм

    ’Мӕ дын зарӕм ам.

    БАЗАРД

    Хуыцау Йегъовӕ, кад уыд махӕн

    Дӕ номыл саразын хӕдзар.

    Дӕуӕн лӕггад кӕндзыстӕм алкӕд, дӕ кадӕн уӕд

    Нӕ алы къахдзӕф, не ’ппӕт цард.

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 116:1; 147:1; Ром. 15:6.)