Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 сӕр

Адӕймаг цӕры стыр хъуыддагӕн

1, 2. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ ныл Хуыцау ауды, ӕмӕ ахсджиаг фарстытӕн дзуапп кӕм хъуамӕ агурӕм?

Адӕймаг цӕры стыр хъуыддагӕн

1 Зӕхх ӕмӕ йыл цы зайӕгойтӕ, цы цӕрдудтӕ ис, уыдон ӕвдисынц, се Сфӕлдисӕг ӕцӕгдӕр уарзӕгой ӕмӕ аудаг Хуыцау кӕй у. Йӕ Ныхасы дӕр, ома Библийы, дзырдӕуы, аудаг кӕй у, уый тыххӕй; уырдыгӕй базонӕн ис зӕрдӕзӕгъгӕ дзуапп мӕнӕ ацы фарстытӕн: цӕмӕн цӕрӕм зӕххыл? Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

2 Ацы фарстытӕн нӕ дзуапп Библийы агурын хъӕуы. Хуыцауы Ныхас зӕгъы: «Куы йӕ агурат, уӕд уын йӕхи ссарын кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ куы ныууадзат, уӕд уӕ уый дӕр ныууадздзӕн» (2 Паралипоменон 15:2). Уӕдӕ нӕ Хуыцау цӕмӕн сфӕлдыста, уый фӕдыл Библийӕ цы базонӕн ис?

Хуыцау адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста?

3. Хуыцау Зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста?

3 Библийы дзырдӕуы, Хуыцау Зӕхх адӕмы тыххӕй кӕй сфӕлдыста. Исайы 45:18 Зӕххы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ йӕ Хуыцау «дзӕгъӕлы не сфӕлдыста, [фӕлӕ] йӕ скодта цӕрынӕн». Адӕмы цыдӕриддӕр хъуыд, уыдӕттӕ сфӕлдыста зӕххыл, ӕмӕ ӕрмӕст сӕ царды бонтӕ ӕрвитынӕн нӕ, фӕлӕ сӕ зӕрдӕ цардӕй куыд радаид (Уӕвынад, 1 ӕмӕ 2 сӕртӕ).

4. Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы цӕмӕн сфӕлдыста?

4 Хуыцау йӕ Ныхасы дзуры, фыццаг дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, куыд рафӕлдыста ӕмӕ нын ӕргом кӕны, адӕмы цӕмӕн скодта, уый. Хуыцау загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы нӕхи фӕлгонцмӕ гӕсгӕ, нӕхи хуызӕн; ӕмӕ сӕ бӕрны уӕнт денджызы кӕсӕгтӕ, тӕхгӕ чи кӕны, уыцы ӕрвон сфӕлдисондтӕ, хӕдзары фос ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр ӕмӕ йыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон» (Уӕвынад 1:26). Хуыцау адӕмӕн бахӕс кодта, цӕмӕй кастаиккой «ӕгас зӕхмӕ дӕр» ӕмӕ зылдаиккой фос ӕмӕ цӕрӕгойтӕм.

5. Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы кӕм ӕрцӕрын кодта?

5 Хуыцау Астӕуккаг Скӕсӕны, Едемы, скодта стыр, парчы хуызӕн цӕхӕрадон. Стӕй «адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Едемы цӕхӕрадоны, цӕмӕй дзы куыстаид ӕмӕ йӕм зылдаид». Уый уыд ӕцӕг дзӕнӕт, ӕмӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы хӕринагӕй цыдӕриддӕр хъуыд — алцыдӕр дзы уыд. Зади дзы «алыхуызон рӕсугъд ӕмӕ, сӕ дыргътӕ хӕрынӕн кӕмӕн бӕззыдысты, ахӕм бӕлӕстӕ», афтӕ ма ӕндӕр зайӕгойтӕ дӕр, ӕмӕ дзы цардис тынг бирӕ ӕнахуыр цӕрӕгойтӕ (Уӕвынад 2:7—9, 15).

6. Хуыцау адӕмы цавӕр курдиӕттӕй схайджын кодта?

6 Хуыцау фыццаг сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы сфӕлдыста алцӕмӕйдӕр ӕххӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ уыдон никуы фӕрынчын уыдаиккой, стӕй зӕронд дӕр нӕ бауыдаиккой ӕмӕ мӕлгӕ дӕр никуы акодтаиккой. Хуыцау сӕ схайджын кодта алыхуызон курдиӕттӕй, цӕвиттонӕн, уыдысты сӕрибар, сӕхи бон уыди уынаффӕтӕ хӕссын. Куыд конд уыдысты, уый тыххӕй фыст ис Уӕвынады 1:27 стихы: «Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ йӕ сфӕлдыста; нӕлгоймагӕй ӕмӕ сӕ сылгоймагӕй сфӕлдыста». Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ канд зонд ӕмӕ хъаруйӕ не схайджын кодта, фӕлӕ ма нын радта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбарыны хъомыс ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕты бавӕрдта, чи у, уый зоныны фӕндон. Ӕмӕ уӕдӕ хорз ӕвзӕрӕй куы хицӕн кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы куы зонӕм, ӕцӕг амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм. Уый тыххӕй та адӕймаджы цыдӕриддӕр хъӕуы, уымӕй йӕ Хуыцау цух нӕ уагътаид, растдӕр ӕй хӕринаг, дон ӕмӕ уӕлдӕфӕй цух куыд нӕ уагъта, афтӕ. Йесо Чырысти дӕр уый тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй» (Матфейы 4:4).

7. Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн цы бахӕс кодта?

7 Уымӕй уӕлдай ма Едемы цӕхӕрадоны Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усӕн бахӕс кодта диссаджы хъуыддаг: «Зӕнӕг рауадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут» (Уӕвынад 1:28). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын хъуамӕ зӕнӕг цыдаид ӕмӕ сӕ цот уыдаиккой алцӕмӕйдӕр ӕххӕст. Адӕм куыд фылдӕр кодтаиккой, афтӕ арӕзтаиккой, сӕ зӕрдӕ цӕмӕй радаид, ахӕм куыст — уӕрӕхдӕр кодтаиккой парчы хуызӕн чи уыд, уыцы Едемы дзӕнӕты арӕнтӕ. Афтӕмӕй ӕппынфӕстаг ӕгас Зӕхх дӕр суыдаид дзӕнӕт ӕмӕ байдзаг уыдаид алцӕмӕйдӕр ӕххӕст ӕмӕ амондджын адӕмӕй ӕмӕ йыл цардаиккой ӕнустӕм. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцау йӕ хъуыддӕгты фӕстӕ, «цы сарӕзта, ууыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ мӕнӕ, ӕппӕтдӕр уыд иттӕг хорз» (Уӕвынад 1:31; кӕс ма Псалом 117:17 дӕр).

8. Куыд хъуамӕ зылдаиккой адӕм Зӕхмӕ?

8 Бӕрӕг у, адӕм Зӕхмӕ кӕй зылдаиккой, уый сӕхи удӕн уыдаид пайда. Ӕрмӕст уыцы хъуыддаг хъуамӕ кодтаиккой хӕдзардзинӕй. Адӕм Зӕхх хъуамӕ сафгӕ ма кодтаиккой, фӕлӕ йӕм хъуамӕ зылдаиккой. Абон та, куыд уынӕм, афтӕмӕй адӕм Зӕхх сафынц, ӕмӕ уый у Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ. Афтӕмӕй, ӕрдз чи сафы, уыдон цӕуынц, Зӕххыл цард цӕмӕн ис, уый ныхмӕ. Ӕмӕ уыдон уый тыххӕй дзуапп ратдзысты, уымӕн ӕмӕ Библи дзуры, зӕгъгӕ, Хуыцау «зӕхх чи сафы, уыдон фесафдзӕн» (Раргомад 11:18, НФ).

Хуыцау йӕ фӕнд нӕ фӕивта

9. Хуыцауы фӕнд кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?

9 Уӕдӕ, Хуыцауы сӕрысуангӕй фӕндыд, цӕмӕй ӕххӕст адӕм цардаиккой ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты. Ӕмӕ Хуыцау йӕ фӕнд нӕ фӕивта! Йӕ фӕнд ӕнӕмӕнгдӕр сӕххӕст кӕндзӕн. Библийы уый фӕдыл ахӕм ныхӕстӕ ис: «Ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ сомы бакодта: „Ӕз куыддӕриддӕр сфӕнд кодтон, афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ куыддӕриддӕр бауынаффӕ кодтон, афтӕ ӕрцӕудзӕн“». «Ӕз ӕй загътон ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн. Ӕз ӕй сфӕнд кодтон ӕмӕ йӕ сараздзынӕн» (Исай 14:24; 46:11).

10, 11. Цы дзырдтой Йесо, Петр ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕг Давид Дзӕнӕты тыххӕй?

10 Йесо Чырысти, фидӕны цӕрыны тыххӕй йын цы лӕг ныллӕгъстӕ кодта, уымӕн загъта, зӕгъгӕ, «уыдзынӕ Мемӕ дзӕнӕты», ӕмӕ уымӕй равдыста, Хуыцауы зӕрды кӕй ис зӕххыл фӕстӕмӕ дзӕнӕт скӕнын (Лукайы 23:43). Апостол Петр дӕр дзырдта фидӕны ног дунейы тыххӕй: «[Хуыцауы] зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног арв [ног уӕларвон хицауад] ӕмӕ ног зӕхмӕ [ног зӕххон ӕхсӕнадмӕ], кӕцытыл цӕры рӕстдзинад» (2 Петры 3:13).

11 Псаломзарӕггӕнӕг Давид дӕр фыста ӕрцӕуинаг ног дунейы тыххӕй, ӕмӕ цас лӕудзӕн, уый тыххӕй. Уый загъта: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:29). Уӕдӕ Йесо дӕр зӕрдӕ уый тыххӕй бавӕрдта: «Тӕхудиаг сты сабыртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны уыдзӕн зӕхх» (Матфейы 5:5).

12, 13. Хуыцауӕн йӕ зӕрды цы диссаджы фӕнд ис, уый дыууӕ ныхасӕй зӕгъ.

12 Цӕй диссаджы ныфс у — фыддзинад, фыдракӕндтӕ, низтӕ ӕмӕ маст кӕм нал уыдзӕн, ахӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын! Хуыцауы Ныхас, Библийы фӕстаг чиныг, уыцы фидӕн цавӕр уыдзӕн, уый дыууӕ ныхасӕй афтӕ афыста: «Ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта. Ӕмӕ паддзахы бадӕныл Бадӕг загъта: мӕнӕ аразын ӕппӕтдӕр ног. Ӕмӕ зӕгъы мӕнӕн: ныффысс; уымӕн ӕмӕ ацы дзырдтӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст» (Раргомад 21:4, 5).

13 О, Хуыцауӕн йӕ зӕрды ис диссаджы фӕнд. Уый уыдзӕни рӕстаг ног дуне, ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы дзӕнӕт, ӕмӕ уымӕй зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ дзырд сӕххӕст кӕнын йӕ бон кӕмӕн у ӕмӕ йӕ чи сӕххӕст кӕндзӕн, Уый,— уымӕн йӕ ныхас у «ӕцӕг ӕмӕ раст».

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 20, 21 фӕрстыл]

Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй адӕм цардаиккой ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл. Ӕмӕ йӕ фӕнд нӕ фӕивта.

[Ныв 22 фарсыл]

Хӕдзары хицауӕн уый бар ис, ӕмӕ йӕм фатеры чи цӕры, уыдонӕй дзуапп ӕрдома.